Эстойнаг æвзаг

Эстойнаг æвзаг (eesti keel) у эстойнаг адæмы мадæлон æвзаг, Эстонийы иунæг паддзахадон æвзаг. Дзурынц ыл 1,1 милуан адæймаджы. Эстойнаг æвзаг у угораг-финнаг æвзæгты балты-финнаг къорды уæнг.

Эстойнаг æвзаг
Хиномeesti keel
БæстæтæЭстони, Финлянди, Швеци, Уæрæсе, Латви
Официалон статус

Эстони

ЕЦ
Æдæппæт дзурджыты нымæц1,1 милуан ад.
Рейтинг37—48
Классификаци
КатегориЕвразийы æвзæгтæ

Урайлаг мыггаг

Финнаг-угораг къорд
Финнаг-волгæйаг къорд
Прибалтикæйаг-финнаг дæлкъорд
Фыссынадлатинаг алфавит
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1et
ISO 639-2est
ISO 639-3est
ГОСТ 7.75–97эст 850
WALSest
Ethnologueest
ABS ASCL1601
IETFet
Glottologesto1258
Википеди ацы æвзагыл

Эстойнаг æвзаджы цæгат диалекттæ сты финнаг æвзаджы хуссар диалекттæм тынг хæстæг, кæддæр уыдысты иу æвзаг[1].

Эстойнаг алфавит у финнаг алфавиты хуызæн латинаг бындурыл арæзт. Дамгъæтæ C, Q, W, X, Y æрмæст фæсарæйнаг нæмттæ ссарæн и, дамгъæтæ F, Š æмæ Ž æрмæст æрбайсгæ дзырдты фыссынц.

A aB bC cD dE eF fG gH h
I iJ jK kL lM mN nO oP p
Q qR rS sŠ šZ zŽ žT tU u
V vW wÕ õÄ äÖ öÜ üX xY y

Æддаг æрмæг ивын

Википеди

Википедийы ис хайад
эстойнаг æвзагыл


Фиппаинæгтæ ивын